ИРОН ЗАРДЖЫТÆ

 

Адæймаг
Аргъау

Æвзаг
Барад
Дзырдуат

Дин

Зарæг
Зонад
Истори
Клуб

Медицинæ
Политикæ
Поэзи

Прозæ

Спорт

Этнографи

Юмор



Дигоронау
Радио

 

 

Народный хор Южной Алании «ИРÆТТÆ РАЗМÆ»
Слова и музыка
– народные
Поют: Зассеты Борис
           Хуыгаты Гена
           Хуыгаты Маир
          
Хуыгаты Миша
          
Зассеты Болат

ПОСВЯЩАЕТСЯ БРАТЬЯМ И СЕСТРАМ, ПОГИБШИМ ЗА СВОБОДУ И НЕЗАВИСИМОСТЬ ЮЖНОЙ ОСЕТИИ – АЛАНИИ, ЗА ВОССТАНОВЛЕНИЕ ИСТОРИЧЕСКОЙ СПРАВЕДЛИВОСТИ, ЗА ОБЪЕДИНЕНИЕ СЕВЕРА И ЮГА В ЕДИНУЮ ОСЕТИЮ В СОСТАВЕ РОССИЙСКОЙ ФЕДЕРАЦИИ.

А. ДЖУССОЙТЫ

DEDICATED TO BROTHERS AND SISTERS PERISHED FOR FREEDOM AND INDEPENDENCE OF SOUTH OSSETIA-ALANIA, FOR RESTORATION OF HISTORICAL JUSTICE, FOR UNIFICATION OF THE NORTH AND THE SOUTH TO UNITED OSSETIA AS A MEMBER OF RUSSIAN FEDERATION.

A. DJUSSOITI

Скачать mp3

Мæ ус

Мæ ус каст фæцис институт,
Сæрæй къахтæм у зонд,
Мæ усы хуызæн нæ фендзыстут –
Рæсугъд æмæ хæрзконд. ☺ (2 хатты)

Мæ ус мæммæ куы 'рбадзуры:
«Лæгай, ды дæ мæ ныфс,
Мæ сæры хицау, дæумæ дзурын,
Мæ къахтæ ма мын 'рæхс». ☺ (2 хатты)

Мæ усæн æз куы æрæхсын,
Йæ къахтæ ‘мæ йæ сæр,
Гæрзтæ ‘хсын ма йын арæхсын
Дзæбæх сылæй хуыздæр. ☺ (2 хатты)

Мæ усæн æз куы фæзæгъын:
«Фалдæр ма фæхуысс», –
Сæнттæ мыл йе уæд фæкæны:
«Фидиссаг куыдз ныххуыс!» ☺ (2 хатты)

Ма мыл фæхудут, хорз адæм,
Мæнæн мæ ус – сæрниз,
Мæ нервтæ мын уый фехæлдта,
Бафтыдта мыл фыдниз. ☺ (2 хатты)

Мæ ус каст фæцис институт,
Сæрæй къахтæм къуырма,
Мæ усы хуызæн нæ фендзыстут –
Рæсугъд, фæлæ фыркъа. ☺ (2 хатты)

 

* Номхыгъдмæ *