|
АДÆЙМАГ |
|
||||
|
Адæймаг
Аргъау Æвзаг Барад Дзырдуат Дин Зарæг Зонад Истори Клуб Медицинæ Политикæ Поэзи Прозæ Спорт Этнографи Юмор ![]() Дигоронау Радио
|
Джусойты Нафи:«Лæджы цард арты иу фæпæрттау у...»Элина Бестаева
- Алы адæмæн дæр ис йæхи этикет, хистæрты æмæ кæстæрты 'хсæн ахастыты фæтк. Зæгъæм, узбекаг зæронд лæг йæ фыртæн дзуры «сымах». Ирон лæг та Хуыцауæн дæр æмæ паддзахæн дæр дзуры «ды». Гъе æмæ хуыздæр у ацы 'гъдау кæнын Ирыстоны. - Горæты чи райгуыры æмæ схъомыл вæййы, уымæ хохбæсты цард кæсы аргъауы хуызæн æнæмæт æмæ рæсугъд, кæнæ та тынг уæззау. Ды райгуырдтæ хохы, дæ райгуырæн къуым Къуыдаргом цахæмæй лæууы дæ цæстыты раз?
- Къуыдаргом у иу ком, æмæ дзы цæуы
дыууæ доны - Джоджора æмæ
Гърамула. Ацы дыууæ доны былтыл цы адæм
цæры, уыдон сты Къуыдаргом. Нæ хъæуы
сæрмæ ис иу рагъ - Фæлмæн рагъ,
æмæ уый цъуппмæ куы 'ссæуай, уæд
уырдыгæй зыны æнæхъæн ком,
цыдæриддæр хъæутæ сты, -
иууылдæр. Ком у, худ уæлгоммæ куы
сфæлдахай, уый хуызæн. У хъарм, ис
дзы бирæ хъæд, уыгæрдæнтæ.
Хъæутæ бирæ нæ уыдысты - иу дæс
æмæ 'ссæдз, æндæр нæ. æхсæз
хъæуы дзы цæры Хуыгатæ, дыууæйы
та дзы цардысты Бестаутæ. Джусойтæ
цæрынц æртæ раны: Цъоны, махмæ
Ногхъæуы æмæ Стырмæсыгы. Уым
цы стыр мæсыг ис, уый Джусойты у. - Хойраг табуйаг уыд? - Уæдæ. Хойрагмæ кастысты куыд Хуыцауы радтинагмæ. æз æй хъуыды кæнын, къæбæр-иу зæхмæ куы ахауд, уæд-иу æй мæ мад систа, йæ сæрыл-иу æй асæрфта, стæй йын аба кодта æмæ йæ æрывæрдта фынгыл. Аргъæутты дæр бирæ рæтты ис хойраджы кады кой. Хойраг алцыдæр бассæтдзæн, зæгъгæ. Хорз ма мæм уый касти Къуыдаргомы æмæ дзы цыфæнды хъуыддаг дæр æнæ тугкалдæй скъуыддзаг кодта. Хылтæ-иу уыд, кæй зæгъын æй хъæуы, фæлæ æз мæхи куы базыдтон, хъæуы, фæлæ æз мæхи куы базыдтон, уымæй фæстæмæ нæм лæгмард никуы уыди. - Ныхас, адæм кæм æмбырд æмæ уынаффæ кодтой, ахæм ма рыййæфтай? - Куыннæ. Махмæ уыд дæргъæй-дæргъмæ холлагдон. Йæ фарсмæ стыр хъæдтæ, уæлейæ амад, цæмæй сыл ба-дæн уа. Уым бадтысты хъæуы хистæртæ. Фæсивæд та, хъæдты раз цы дуртæ уыд, уыдоныл. Ныхасы дзырд цыд хъæуыл, Ирыстоны зæххыл, æгас дунейы цы хабæрттæ цæуы, уыдоныл. Ног хабар-иу фыццаг ныхасы фехъуыстой адæм. - Нафи, радзур ма нын дæ бинонты тыххæй, чи уыдысты дæ фыд æмæ дæ мад? - Хуымæтæджы адæм уыдысты. Мæ фыд уыд фыццаг дунеон хæсты ветеран. Уыдис ын æртæ Георгийы дзуары (георгиевский крест). Мæ мад та уыд Хуыгиан - хуымæтæджы зæххкусæджы чызг. Фыссын-кæсын нæ зыдта. Кæсын æй æз сахуыр кодтон. Кæддæр фæрынчын æмæ уыд ам, горæты, мæнмæ. Иу бон мын афтæ: «Лæппу, дæ чингуытæй ма мын иу радт». - «æмæ, - зæгъын, кæсын куы нæ зоныс». - æмæ мæ сахуыр кæн». æз газеттæй стыр дамгъæтæ ралыг кодтон æмæ йæ ахуыр кæнын райдыдтон. Иу мæймæ сахуыр. Стæй мæм мæ фыд хыл кодта, чингуыты, дам, нынныхсы æмæ хæдзары митæ баззайынц æнæкондæй. Куыд уæ хъомыл кодтой уæ ныййарджытæ? - Мах бирæ зæнæг уыдыстæм. Мæ
фæстæ райгуырд авд чызджы. æз
хынджылæг фæкæнын, зæгъгæ,
æфсадмæ куы нæ алыгъдаин, уæд
мын мæ къах ралыг кодтаиккой. Афтæ-иу
дзырдтой: йæ фæс-тæ, дам, чызджытæ
кæмæн гуыры, уы-мæн, дам, æвзæр
къах ис, лыггæнинаг. Стæй цалынмæ
æфсадæй цыдтæн, уæдмæ ме
фсымæр Таймураз райгуырд. (Нафийы æфсымæр
- поэт Хаджеты Таймураз - ред.). - Скъолайы та куыд ахуыр кодтай? - Скъоламæ рæстæгæй раздæр
бацыдтæн. Махмæ уыдис дыууæуатон
райдиан скъола. Иу уаты дзы ахуыр кодтой
фыццаг æмæ дыккаг кълас, иннæйы
та æртыккаг æмæ цыппæрæм.
Фыццаг къласмæ ахуыргæнæгæй
æрбарвыстой бынтон æвзонг чызджы.
Цæргæ та кодта махмæ. Ме 'мбæлттæ
иууылдæр скъоламæ бацыдысты æмæ
ма кæимæ хъазыдаин, уый мын нал уыд.
Иунæгæй-иу куы сфæлмæцыдтæн,
уæд-иу скъоламæ бацыдтæн æмæ-иу
рудзынджы бын сбад-тæн. Рудзынг гом
уыд æмæ-иу цы ахуыр кодтой уымæ
хъуыстон. Иухатт уырыссаг æмдзæвгæ
ахуыр кодтой. æз дзырдтæй иу дæр
нæ бамбæрстон, фæлæ сæ
бахъуыды кодтон. Сывæллæтты улæфынмæ
куы рауагътой, уæд хъазыдыстæм æмæ
сын æй радзырдтон. Уыдон æй ахуыр-гæнæгæн
аппæлыдысты æмæ мæ уый
скъоламæ бакодта. Афтæ райдыдта мæ
ахуыр. Ногдзинад-иу тагъд бахъуыды
кодтон æмæ уæд ахуыр кæнын
æнцон у. - Нафи, Фыдыбæстæйон хæст куы райдыдта, уæд дæуыл цыд æхсæрдæс азы, скъола уыцы аз фæдæ æмæ дын закъонмæ гæсгæ æфсадмæ цæуыны афон нæма уыд. Куыд рауад æмæ иу-нæг фырт уæвгæйæ ды уæддæр æфсадмæ ацыдтæ? - 1941 азы Къуыдары скъолайы уыд фыццаг
рауагъд. Нæ къласы фæсивæд
уыдысты тынг хæлар æмæ нæ бафæндыд
къам сисын. Къуаисайы къамисæг нæ
уыд æмæ ацыдыстæм Дзаумæ.
Ацыдыстæм къахæй, фæндаг та у 35
километры. æх-сæвы æрлæууыдыстæм
хæстæджытæм æмæ райсом
къам исынмæ районы центр-мæ
бацыдыстæм. Районы уыд репродуктор
æмæ йæ алыварс адæм æмбырд
кодтой. Бацыдыстæм мах дæр æмæ
фехъуыстам Молотовы раныхас, хæст кæй
райдыдта, уый фæдыл. Мах къласы уыдыстæм
18 лæппуйæ æмæ загътам, зæгъгæ,
æмбыр-дæй хæстмæ ацæуæм.
Афтæ нæм каст, Советон цæдис хæст
дыууæ мæймæ рамбулдзæн æмæ
дзы мах нал фæуыдзæн. Нæ къласы мæнæй
кæстæр ничи уыд. Хистæр та уыд 1905
азы гуырд. Уæды рæ-стæджы æххæст
ахуыр чи нæ фæци, уыдон дæр-иу
асттæуккаг скъоламæ æрбацыдысты.
Йæ кармæ гæсгæ чи бæззыд,
уыдон акодтой фронтмæ, бирæтæ
дзы сæ цард дæр радтой... - Пилоты професси тынг цымыдисон у. æфсæддоны хъуыддагыл ныххæцын дæ цæмæннæ бафæндыдис? - Нæ мæ бафæндыдис уымæн æмæ мæн кæддæриддæр йæхимæ 'лвæста сфæлдыстадон куыст, конкретонæй - литературæ. - Æмæ уæдæ де сфæлдыстадон биографи цæмæй райдыдта? - Мæ фыццаг æмдзæвгæтæ ныффыстон 7-æм къласы куы ахуыр кодтон, уæд. Уыцы рæстæджы нæ къласы фæсивæд се гас дæр фыстой æмдзæвгæтæ. Иухатт сæ агурын, зæгъгæ, кæм сты ме 'мкъласонтæ æмæ мын чидæр афтæ, уæртæ, дам, сын ирон æвзаджы ахуыргæнæг Сланты Граф æмдзæвгæтæ фыссын амоны. Бацыдтæн æмæ, æцæгдæр, фыссынц. Нæ кълас æгасæй дæр дзæбæх ахуыр кодтой, æмæ ма куыд рабæрæг, афтæмæй æмдзæв-гæтæ дæр фыстой иууылдæр, мæн йедтæмæ. Уæд фыццаг хатт федтон, æмдзæвгæтæ куыд фыссынц, уый. Ахуыр-гæнæг сын амыдта æмдзæвгæ фыссыны закъæттæ. Цы у рифмæ, цахæм хъуамæ уа æмдзæвгæйы цыд. Уæдæй фæстæмæ байдыдтон цымыдис кæнын æмæ ныффыстон мæ фыццаг æмдзæвгæтæ дæр. Уый размæ фыстон æрмæст гыццыл радзырдтæ. - Фыссæг суæвынæн хъæуы Хуыцауæй раттгæ курдиат, фæлæ ахуыр, зонындзинæдтæ сты æнæмæнгхъæ-уæг алы сфæлдыстадон кусæгæн дæр. Цахæм уыдысты дæ «университеттæ»?
- Æз литературон факультеты никуы
ахуыр кодтон. Æфсадæй куы рцыдтæн,
уæд, 1945 азы декабры ныммыхуыр кодтон мæ
фыццаг æмдзæвгæ. - Æмæ Ленинграды дæр куы ахуыр кодтай... - Уым та ахуыр кодтон Пушкины хæдзары (Пушкинский дом) аспирантурæйы. Тынг бирæ мын радта Ленинграды ахуыр. Пушкины хæдзары уыдис тынг хорз зонадон скъола, куыстой дзы литературæйы историйы стырдæр специалисттæ. Зонадон советы уыд æхсæз академикы. Сæ алыварс та уыд бирæ курдиатджын фæсивæд. Зæ-гъæм, зæронд уырыссаг литературæйы хайады куыста Дмитрий Лихачев. - Литературæйы дæ ахуыргæнджытыл кæй нымайыс, чи дын у бафæзминаг? - Фысджытæ арæх фæдзурынц: «Мæ ахуыргæнæг литературæйы у уыцы классик, уыцы поэт». Мæнмæ гæсгæ, адæймаг алкæмæй дæр исы зонындзинæдтæ - хорзтæй дæр æмæ æвзæртæй дæр. Куыд фыссын хъæуы, уый ничи зоны. Генион уацмысты автортæн дæр тынг зын вæййы сæхи фæлтæрддзинад сфæлхат кæнын. Алы хатт дæр, ног уацмыс фыссгæйæ, фыссæг æвзары «сфæлдыстадон тухæн-тæ», уырыссагау «муки творчества» кæй фæхонынц, уымæн æмæ йæ сæрæй бæлвырд ничи зоны, куыд хъæуы фыссын. Мæнмæ афтæ кæсы, æмæ литературæйы дæсныты цыфæнды фæкæсай, уæддæр зын базонæн у, куыд хъæуы фыссын. Фæлæ нæ бон у, ахæм бæрзонд цæвиттонтæ нæ хъуыдыйы даргæйæ, бамбарын, фыссын куыд нæ хъæуы, уый. - Уæд та радтæм æндæрхуызон фарст. Чи сты дæ уарзондæр автортæ? - Ирон поэт æмæ фысджытæй тынг уарзын Къоста æмæ Секъайы. Диссаг у, Секъамæ цас зонд ис, йæ хъуыдытæ куыд уæрæх сты, йæ фантазии та куыд рог у. Афтæмæй уый нæдæр хорз ахуырдзинад райста, нæдæр йæ уацмыстæ фыссгæйæ æвæлмон цард кодта. æз зæронд адæймаг дæн æмæ мæ симпатитæ дæр сты бадт. æвзонджы бонты тынг уарзтон Лермонтовы, стæй бауарзтон Пушкины. Пушкин-реалист у æцæг гени æмæ йын йе скъола хъуамæ «каст фæуа» алы æцæг фыссæг дæр. - Куы дын уаид гæнæн, тынг кæй уарзыс, ахæм генион фыссджытæй искæимæ сæмбæлынæн, уæд ын, дæхи базонгæ кæныны тыххæй дæ уацмыстæй кæцытæ фенын кæнис? - Поэт куы уаид, уæд ын фенын кæнин ме мдзæвгæтæй иу-дыууæ, прозæ фыссæгæн та фенын кæнин роман «Сырдоны цæссыгтæ»-йы дыккаг хай. Уый нырма мыхуыры нæ рацыд. æвæццæгæн ма уый тыххæй дæр у мæ зæрдæйæн тынг зынаргъ. Нырма мæ нæ «ахицæн» ис. - Цы литературон хъайтарты сныв кодтай дæ уацмысты, уыдонæй дæ зæрдæйæн иууыл æввахсдæр кæцы у æмæ цæмæн? - Фылдæр фыдæбон æмæ зæр-дæйы хъуыды-тæ бавæрдтон Сырдоны. Зынаргъ мын у Уырызмæг - уацау «Адæй-маджы мæ-лæт»-ы хъайтар. æмæ ма мæ зæрдыл кæддæриддæр лæууы зæронд ус - уацау «Урс-урсид миты» архайæг. Тынг ын тæригъæд кæнын. æвæццæгæн, алкæмæн дæр бæстыл йæ ныййарæг мадæй адджындæр æмæ хуы-здæр адæймаг нæй. Мах стыр лæгтæ свæййæм, дунейыл фæзилæм, фæлæ уæд-дæр нæ мæдтæй хуыздæр адæймæгтыл нæ фембæлæм. - Абоны бон кæй ис гæнæн банымайæн хъайтарыл? - Абон хъайтартæ 'ссарын тынг зын у, рæстæг сæ нæ дæтты. - Ды дзурыс, зæгъгæ, нæ дуджы хъайтартæ нæй, фæлæ, æвæццæгæн, ис нæ дуджы дæр ахæм адæймæгтæ, дæ удæн зынаргъ чи у?
- Мæнмæ гæсгæ цыфæнды æвзæр
дуг ма уа, уæддæр адæмы 'хсæн вæййы
кады аккаг адæймæгтæ. Ахæмтæ
сты, исты хæр-зиуæг чи аразы йæ
арм æмæ йæ зондæй, уыдон. Адæймаг
йе 'рдзыхъæдмæ гæсгæ хæрзиуæг
фæлдисæг у. - Библийы куыд фыст у, афтæ сфæлдыста адæймаджы «йæхи фæл-гонц æмæ сурæтмæ гæсгæ»... - О, æмæ Хуыцауы фæлгонцы мæнæн иуыл тынгдæр мæ зæрдæмæ цæуы, адæймаг дæр уыйау фæлдисæг кæй у, уый. Адæймаг аипджын куы нæ уа удæй æмæ зондæй, уæд æй æнæмæнг фæфæнды исты хæрзиуæг сфæлдисын. Фæлдисгæ та адæймаг кæны, Маркс иттæг раст дзырдта уымæй, аивдзинады фæткмæ гæсгæ. Зæ-гъæм, сылгоймаг хæбизджын куы кæны, уæд æй фæнды, цæмæй æрмæст хæрзад ма уа, фæлæ ма рæсугъд дæр уа. Рæсугъддзинад уынын æмæ стæй рæсугъддзинад аразын у адæймаджы сæйраг миниуджы-тæй иу. Кæддæр мæ фыдимæ æфцæгыл карстам. æз фæстейæ цыдтæн æмæ мæм мæ фыд дзуры: «Лæппу, хъоппæг ма алыг кæн, йæ фæрсты рацу. Хъоппæг та у бæрзонд хъуымбылдзыкку дидинæг, кæсы-нæй йæм цæст не 'фсæды. Арæх у хъоппæг æфцæгыл, фæлæ рæсугъддзинад кæмфæнды дæр хъахъхъæнын хъæуы. - Æрæджы америкæйаг публицист-тæ ахæм хъуыды загътой: адæймаг амондджын вæййы, йæ фæндийæгтæ, йæ хъару йæ куыд амоны, уымæ гæс-гæ куы вæййынц. Ды та цы зæгъдзынæ амонды тыххæй?
- Мæнмæ гæсгæ, ацы формулæ
раст нæу. Ацы хъуыды ирон æмбисонд
раджы загъта: дæ уат куыд у, дæ къæхтæ
афтæ адаргъ кæн! - Абон бирæтæ дзурынц, зæгъгæ, дам, нæ фæсивæд фесæфтис, нал сæм æгъдау ис, нал фæтк... Ды та куыд хъуыды кæныс? - Æвæццæгæн, афтæ нæу. Ахæм ныхæстæ цыфæнды дуджы дæр вæййы. - Дæумæ куыд кæсы, адæймагад хуыздæр кæны æви æвзæрдæр? - Хуыздæр цыма нæ кæны, афтæ мæм кæсы. - Уæд цæмæн?
- Уый уымæн æмæ алы индивид дæр
тырны йæхи гуылы бын æндзарынмæ.
Афтæ кæнынц хицæн адæмтæ
æмæ хицæн паддзахадтæ дæр.
Афтæмæй та адæймагады
гуманистон рæзт æмæ размæцыдæн
стыр цæлхдур у эгоизм. Хицæн
индивиды, хицæн къорды эгоизм, кълас,
расæйы, хицæн дины эгоизм. Иу дзырдæй,
эгоизмы ацы хуызтæ ныддихтæ кодтой
адæймагад æмæ архайынц уый
историон размæцыды æмæ
гуманистон рæзты ныхмæ. (сывæллæтты журнал «Арвырон») |
|||||
| * Номхыгъдмæ * Хæрдмæ * |